Алы фадыгы бахыгъды фæстиуæгæн ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, æвзæрстыты дыккаг туры лидер кæнынц «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаттæ
ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, 17 мажоритарон æвзарæнон зылды æвзæрстыты дыккаг туры, «Гуырдзиаг Бæллиццы» мажоритартæм кандидаттæ лидер кæнынц.
Уыйимæ иумæ ма, мерийы уæлрадон æвзæрстыты дыккаг тур ацы Кутаисы, цы ран ЦÆК-ы развæлгъау бæрæггæнæнтæй, Иосеб Хахалеишвилимæ (Гуырдзиаг Бæллицц» 92,02% ис æмæ Григол Шушаниайæн (Иууон Националон Змæлд –Тых Иудзинады ис) 7,98%.
Парламентон æвзæрстыты фыццаг тур Гуырдзыстоны 31 октябры ацыд. Оппозицион пртитæ иууылдæр, 31 октябры парламентон æвзæрстыты иупроцентон барьерыл чи ахызт æмæ парламентмæ хауынц, закъондæттæг органмæ бахизыныл нæзагъд кæнынц. Парламентон мандаттæ райцсын нæ разы кæнынц аст партийы: «Иууон Националон Змæлд – Тых Иудзинады ис», «Европаг Гуырдзыстон», «Стратегиа Агъмашенебели», «Лело», «Патриотты Альянс», «Гирчи», «Æмбæстæгтæ», «Лейбористон Парти». Уыдон нымадмæ нæ исынц æвзæрстыты дыккаг тур дæр. Фæлæ оппозицион партиты кандидаттæ 21 ноябры æвзæрстытыл, бюллетенты мидæг бавдыст уыдысты, уымæн æмæ закъонмæ гæсгæйæ, æвзæрстыты дыккаг турæй кандидатурæй сисын гæнæн нæй.