Гуырдзиаг рæстдинон аргъуан Цыппурсы бæрæгбон абон нысан кæны. «Алило» цæуы уагъд 7-æм январы.
Тбилисы Фыццаг Республикæйы фæзуатæй дингæнджытæ æмæ зарæггæнджыты цыд райдыдта.
«Алило»-йы цыдæй райсгæ мысайнæгтæ сывæллæтты хæдзæрттæм, æфхæрæн уагдæттæм æмæ ацæргæты хæдзæрттæм байуардзысты.
Цыппурсы бæрæгбоны цытджын цыд, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илиа Дыккагы арфæйæ, 2000 азæй нысан цæуы.