Алилойы цыд Тбилисы [фото]
Алилойы цыд Тбилисы [фото]

Гуырдзыстоны  рæстдинон  аргъуан  Ногбон  абон бæрæгбон кæны. 7-æм январы арæзт æрцæуы Ногбоны Аллило.

Тбилисы дингæнджыты цыд æмæ зарæггæнджыты къордтæ Фыццаг Республикæйы фæзуатæй райдыдтой, уый фæстæ Аллилойы хайадисджытæ Руставелийы проспектмæ ацыдысты æмæ Бараташвилийы уынгыл Самебайы кафедралон аргъуанмæ бахæццæ сты. Цыд фæцис Чырыстийы бузныджы кувæндонæй кафедралон аргъуаны.

Алилойы  рæстæджы райсгæ мысайнæгтæ сывæллæтты хæдзæрттæн, ахæстæтты æмæ ацæргæты хæдзæрттæн дихгонд æрцæудзысты.

Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Илиа Дыккагы арфæйæ, 2000 азæй фæстæмæ нысан цæуы Ногбоны цыд.