Алексей Навальный хъусын кæны, цæмæй йæ фæхъæстæйы хъуыддаджы фæстæ лæууы Владимир Путин
Уырыссаг оппозиционер Алексей Навальный хъусын кæны, ома йæ фæхъæстæйы хъуыддаджы фæстæ лæууы Уæрæсейы президент Владимир Путин. Уый фæдыл фидиуæн Алексей Навальный, рауагъдад «Шпигелимæ» интервьюйы сарызта. Уый йын фыццаг интервью уыд, оппозиционеры берлины клиникæйы стационарæй куы рафыстой, уый фæстæ.
«Бæлвырд кæнын, цæмæй ацы фыдракæнды фæстæ лæууы Путин, æндæр верси мæм нæй»,- райхъуысын кодта Навальный.
Уымæй уæлдай ма уырыссаг оппозиционер загъта, цæмæй тарст нæу æмæ Уæрæсемæ æрыздæхын хъавы.
Интервьюйы æххæст версийы «Шпигель» публикаци скæндзæн майрæмбоны.