Алексей Данилов – Уæрæсе Хъырымы йæхæдæг куы нæ ныууадза, уæд æй Украина æфсæддон фæндагæй ссæрибар кæндзæн
Уæрæсе Хъырым йæхæдæг куы нæ ныууадза, уæд æй Украиан æфсæддон фæндагæй ссæрибар кæндзæн, – уый фæдыл украианг медиайы хъусинагæй, Украианйы националон хъахъхъæннады æмæ æдасдзинады советы нымæрдар, Алесей Данилов райхъусын кодта.
«Хъырым нæ территорийы хай у æмæ йæ мах хъуамæ ссæрибар кæнæм. Уый æддæмæ ма хъавæм йæ ссæрибар кæнын. Стыр æвæццæгæнад ис, цæмæй æфсæддон фæндагæй æрцæудзæн – кæд агрессор уыцы рæстæгимæ нæ бамбардзæн, цæмæй хъуамæ ацæуа нæ территорийæ уæд. Æндæр вариант нын нæй», – уый райхъусын кодта Данилов.
Даниловы дзырдæй, зæгъгæ кæцыфæнды æндæр сценари Хъырымы тыххæй уыдзæн ситуацийы консерваци, æмæ Хъырым та Уæрæсейы дæлбар куы уыдзæн, уæд никуы басабыр уыдзæнис.
Украинайы националон хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады советы нымæрдары фидиуæнæй, Хъырымы ссæрибар кæнын у рæстæгы фарста, фæлæ æнцон нæ уыдзæн. Данилов куыд банысан кодта афтæмæй, Украина прагматонæй хъуамæ бацархайæд 1991 азы арæнтæ сног кæнын.