Алексей Данилов АИШ-ы Сенаты Украинайæн æххуысыл блокъ сæвæрыны фæстæ, цæрджтæм  раздæхт -  сабырдзинад æмæ хъæддыхдзинад, нæ фæбардзыстæм  нæ зæхх, адарддæр кæндзыстæм уырыссаг монстры куынæг кæнын
Алексей Данилов АИШ-ы Сенаты Украинайæн æххуысыл блокъ сæвæрыны фæстæ, цæрджтæм раздæхт - сабырдзинад æмæ хъæддыхдзинад, нæ фæбардзыстæм нæ зæхх, адарддæр кæндзыстæм уырыссаг монстры куынæг кæнын

Нæ ныххатыр кæндзыстæм нæ  зæххы  иу хай дæр, сифтындздзыстæм æхсæнагрз æмæ адарддæр кæндзыстæм уырыссаг   монстры куынæг кæнын-  афтæ сдзуапп кодта Украинайы  националон æдасдзинады æмæ  хъахъъхæнынаы  советы нымæрдар   Алексей Данилов  социлон хызагы  АИШ-ы Сенаты æрдгæй  Украинайы æмæ Изралæн æххуысы  законопроектыл блокъ сæвæрынæн.

«Сабырдзинад  æмæ хъæддыхдзинад. Ниицы уæлдай у  кæмæн, кæм æмæ куыд схъæлæс кодтой  дунейы  кæцыфæнды бæстæйы, мах нæ ныууадздзыстæм  нæ  бæстæйы  сæрыл хæцын, нæ  ныххатыр кæндзыстæм  нæ  зæххы иунæг  хай дæр  æмæ нæ фæбардзыстæм никæмæн  нæ фæмардуæвыджыты æмæ цæфты. Лæмбынæг æркæсдзыстæм алцæмæ,  рахæсдзыстæм уынаффæтæ, сифтындздзыстæм æхсæнгарз æмæ адарддæр кæндзыстæм   уырыссаг монстры  куынæг кæнын» –  хъусын кæны Данилов.

Афтæма йæ  дзырдæй, æрвылбон у уæззау, фæлæ Украина хъæугæ уроктыл  рæзы æмæ тыхджын кæны.

Бамбæрстам, цæмæй  Дунейы   адæймагон прогрессмæ нææсгæ  тых  фæстæмæ   у сæйраг приоритет æмæ растдæр уый тыххæй, Украинайы  хъахъхъæнынады тыхтæ сты æмæ баззайдзысты нæ æдасдзинады  сеппæтæй  хуыздæр гарант, нæфæсайгæ  тых æнæстабилон  политикон  ситуациты бахауыны æмæ æхсæнадæмон æдасдзинады хæстæ  æнæсыххæстæй» –  фыссы   Алексей Данилов.

АИШ-ы Сенат  Украина æмæ Израилæн  ххуысы  закъонопроектыл  блокъ абон сæвæрдта. «ВВС» куыд фыссы афтæмæй,   республикаг сенатортæ  блокъ сæвæрдтой 110 миллиард ддоллары аргъы  æххуысы пакетыл, кæцыйы 61 миллиард  доллар уый Украинайæн æххуысыл рауæлдайгонд.

Закъонопроектимæ сразы сты 51 сенатор, æрмæст 49  респуликаг иууылдæр  йæ ныхмæ схъæлæс кодтой.  Уый тыхххæй цæмæй Израил æмæ Украианйæн æххуысы пакет сифдар кодтаиккой, æдæппæт хъуыдис 60 сеняторы разыдзинад.