Алексей Данилов æрæг рæучийыл нымайы фидиуæнтæ уый фæдыл, ома хæст иу къуыримæ кæнæ та зæрдæвæрæны фæуыдзæн
Украинайы националон æдадсзинады æмæ хъахъхъæнынады советы нымæрдар Алекси Данилов рæучийыл нымайы фидиуæнтæ уый фæдыл, ома хæст зæрдæвæрæны кæнæ иу кхъуыримæ фæуыдзæнис. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе нæу уый йас лæмæгъ, украинæгты куыд фæнды, фронтыл дарддæры ситуаци та баст уыдзæнис ныгуылæнæй хæстифтонгадыл.
Украинаг медийы хъусинагæй æмбæлгæ фидиуæнтæ Данилов «Новое Время»-имæ интервьюйы сарызта.
«Уыцы адæймæгтæ, чидæриддæр дзурынц, цæмæй хæст зæрдæвæрæны кæнæ иу къуыримæ фæуыдзæн, сты рог. Ай у тынг вазыгджын æмæ бирæкомпонентджын процесс, нæ партнертæй æххуыс хæстифтонгадæй абон у сæйраг момент ситуаци сбæрæг кæнынæн. Уымæ гæсгæ, цæмæй цæй æрбадæттын æмæ цавæр æмгъуыдты бантысдзæни, афтæ уыдзæн уæлидзинад иу кæнæ иннæ фарсмæ», – райхъусын кодта Данилов.
Украинайы националон æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады советы нымæрдар банысан кодта, цæмæй Уæрæсе, уый йас лæмæгъ нæу, украинæгты куыд фæнды, фæлæ ныр фронтыл гæнæн баис бæрæг паритетмæ æрцæуынц.
Йæ дзырдæй , зæгъгæ оккупанттæн тынг зын кæны размæцыд, уый тыххæй скусын кæндзысты сæ дæлдон наутæ, флот æмæ æндæр æфсæддон компоненттæ.