Алеко Элисашвили рацыд иницитивæйæ, ома 2020 азы октябры æвзæрстытæ дыууæ боны дæргъы цæуа
Парти «Æмбæстæгты» лидер Алеко Элисашвили хъуыды кæны, цæмæй 2020 азы парламентон æвзæрстыты пандемимæ гæсгæ, дыууæ боны дæргъы – 30 æмæ 31 октябры хъуамæ ацæуа.
Элисашвилийы дзырдæй, зæгъгæ фæнысангондæн йæ нысан у, æвзарæнон фадгуытыл адæмы къада адих уа æмæ æзæрстытæм бацæуæг æмбæстæгтæн инфицирады каддæр риск уа.
Парти «Æмбæстæгтæ» фæысангонд инициативæмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны парламентмæ сæрмагонд куырдиат бавдисдзæн.
«Хицауад коронавирусæй сæвзæргæ уавæры контрол кæнын хъом нæу, не ххæст кæнæ æмæ нæ контрол кæны регуляциты хъахъхъæдад, цæмæй ма цæуа ахæм массон ахæлиу. Æвзæрстытæ нæм æрхæццæ сты. Иуы æрдгæй, цæрджыты æхсæн ис энтузиазм, политикон ивддзинæдты æнхъæлц æмæ фæнд, фæлæ иннæ рдгæй, бæрæг куыд у афтæмæй, нæ хицауады стратеги у, адæмы фæтæрсын кæна æвзæрстытæм бацæуын, цæмæй æвзарæнон рæнхъыты лæугæйæ сыл коронавирус ма бахæца. Нæ политикон бал – парти «Æмбæстæгтæ» хицауад æмæ æппæт дзыллæйæн æнхъары, цæмæй 31 октябры сабаты иу бонон æвзæрстыты бæсты, ауадзæм æвзæрстытæ дыууæ боны дæргъы, 30 æмæ 31 октябры. Дæнцæн, адих кæнæм æвзæрстгæнджыты номхыгъдтæй æмæ алфавитон уагæй, цæмæй дзы рæнхъытæ ма æрлæууа. Курæг стæм куыд хицауадæй, афтæ политикон партитæй, цæмæй баиу уæм ацы дискуссимæ æмæ ацы уынаффæ рахæсæм», – райхъусын кодта Алеко Элисашвили.