Альберт Йонсон - Бынæттон æвзæрстыты дыккаг раунд дзæбæх администриргонд æмæ конкурентон уыд, кампани аххæссыд æппæт бæстæйыл
Бынæттон æвзæрстыты дыккаг раунд æмтгæй зæгъгæйæ дзæбæх администриргонд уыд, фæлæ дæргъвæтин поляризаци æмæ уымæй равзæргæ негативон риторикæ æппæрццагæй фæзындис процессыл – уый фæдыл OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг Альберт Йонсон райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кандидаттæм уыд кампанийы сæрибарæй ауадзыны фадат.
«Кампани уыд конкурентон æмæ аххæссыд æнæхъæн бæстæйыл, уый бааууон кодта банæттон фарстатæ. Æмтгæй зæгъгæйæ каниддаттæм уыд фадат кампани сæрибарæй ауадзын, фæлæ уыд хъастытæ тасы æфтауыны æмæ хъомыс дарыны тыххæй. Карз æнæмбæрцад æмæ хицауады уæвыны æнæхицауадон уæлидзинад уæлæмхас роль сыххæст кодта хицаугæнæг партийы пайдайæн æмæ йæ рдæм ауагъдта процесс. Кампанийы финансты æргомдзинад æмæ бæрнондзинад арæнгонд уыд æнæгъгъæд цæстдарды тыххæй. Хицæн телеуынынадтæ дарддæр кодтой бæрзонд поляризаци æмæ цæстæйуынгæ фæндтæ æвдисын, кæцы арæн кодта æвзæрстгæнджытæн инфоормиргонд æвзæрст саразыны фадат» – райхъусын кодта Йонсон.
Цæсчтдарæгы дзырдæй, зæгъгæ æвзæрстыты бон æмтгæй райсгæйæ уыд сабыр æмæ дзæбæх администриргонд.
«Фæбæрæг ис цалдæр быцæудзинад партион фарсхæцджыты æхсæн æвзарæнон фадгуыты æддæйæ. Хъæлæскæныны æмæ хъæлæсты бахыгъды процесс æмтгæй зæгъгæйæ æвæрццаг аргълæвæрд райста, фæлæ фæбæрæг ис бæрæг процедурон фарстатæ, сæрмагондæй та хъæлæсты бахыгъды рæстæджы, фæлæ уымæн цæмæй, цæстдарæг организациты минæвæрттæ арæх архайдтой партион фарсхæцджыты ролы æмæ хаттæй-хатт процессты дæр тъыстой сæхи, афтæма гоймæгты кодртæ æнхъæлцау, æндæвдад сæныны архайдтой æвзæрстгæнджытыл, иуæй-иу æвзарæнон фадгуыты æддæйæ, уый æппæт уыдис мæтæфтауæг. Æмтгæй райсгæйæ закъондæттынад адекватон бындур дæтты демократон æвзæрстытæ аадзынæн, кæд йæ кæронмæ сыххæст цæдзæн, фæлæ иурæстæгонæй уый у тынг вазыгджын æмæ æнæхъæнæн рæнхъ æнæмбæлондзинæдтæ дæр хæссы» – райхъусын кодта Альберт Йонсон.