Алабамайы штаты сенаты æвзæрстыты демократ Даг Джонс фæуæлахиз ис

 

Алабамайы  штаты сенаты æвзæрстыты демократ Даг Джонс фæуæлахиз ис

Алабамайы штаты сенаты æвзæрстыты Дональд Трампы фаворит Рой Муры  демократ Даг Джонс рамбылдта. 63-аздзыд  экс-прокурор фыццаг демократ у фæстаг 25 азы мидæг, кæцы Алабамайы сенаты æвзæрстыты фæуæлахиз ис. Æвзæрстыты, фарсылхæцындзинад Рой Мурæн, АИШ-ы президент уæд расидтис, уый сексуалон æрылхъывды куы фæаххосджын кодтой. Республикагты стыр хай Муры ныхмæ рацыд, уæд кæд æмæ 70 аздзыд экс-тæрхонгæнæг чызгыл тыхмийы аххосагы аххосджын кодтой. Сылгоймæгты хайы расидæнмæ гæсгæ, Муры аммæтагтæ тинейджеры кары уыдысты. Иуæй иу амæтагы ныхасмæ гæсгæ, сексуалон тыхмийы рæстæджы уый 14 аздзыд уыд.