Ахуырады министрад – фыццаг июлæй  ахуыргæнджыты  мыздтæ прецедент цæмæн нæй  афтæ фæуæлдай уыдзысты
Ахуырады министрад – фыццаг июлæй ахуыргæнджыты мыздтæ прецедент цæмæн нæй афтæ фæуæлдай уыдзысты

Гуырдзыстоны  хицауады  уынаффæйæ, 2024 азы 1-аг июлæй, скусдзæнис  ахуыргæнджыты  куыстæн мызды  ног политикæ æмæ  педагогты мыздтæ райрæздзысты  прецедент цæмæн нæй,  афтæ, –  уы фæдыл информаци хъусын кæны  ахуырады министрад.

«Хицауады иуæй-иу  ссегасдæр бæрзонддæр   приоритет у ахуыргæнджытæн хæрзгъæд ахуыр раттын, цæй разæууæл дæр   педагогтæн  аккаг  мызд  у.  растдæр уый тыххæй  у  ног  мыздты  системæ,к æцы  рагхыгъд кæны  ахуыргæнджыты  урокты  сахатты нымæц, кусæн  стаж, академион   гъæд æмæ  кæй зæгъын æй хъæуы  уæвæг статус.

Ног политикæмæ гæсгæйæ, паддзахадон скъолайы кусæгы  статус кæмæ ис  ахæм ахуыргæнджытæн æмæ  специалон ахуыргæнджытæн сæ  мыздтæ астæуккагæй  500 ларийæ фæуæлдай уыдзысты.

Абон системæйы  52 000-æй фылдæр педагог ис æмæ уыдонæй  астæуккагæй 500 ларийæн  мызд фæуæлдай уыдзæн  21 000-ы онг ахуыргæнæгæн, 600 ларийæ  8000-ы онг, 700 ларийæ – 5000-ы онг, 800 ларийæ -3000 мины онг педагогæн, кæцы æмтгæй райсгæйæ  ахуыргæнджыты 70%-ы бæрц у.

Ахуыргæнджыты 25 процентæн мыздтæ  300-400 ларийæ  фæуæлдай уыдзысты.

Банысанкæнинаг у уый, цæмæй  иунæг ауыргæнæг дæр нæ баззайдзæн   афта, цæмæй  йын мызд  ма фæуæлдай уа, иууыл цъус 200 ларийæ уæддæр,  чысыл сахатгай   куысты цауы дæр абсолютонæй  алы   педагогæн. Ахæмтæ сты  ахуыргæнджыты  5% бæрц», – банысангонд  у  ахуырады  министрады информацийы.