Ахуырады министрад - ацы рæстæгмæ ахуыргæнджыты æмæ скъолайы администрацийы минæвæртты 73.6 процент вакцинацигонд сты
Скъолаты ахуыры процессы сногимæ иумæ, интенсивон режимы цæуы ахуыргæнджыты æмæ администрацион персоналы тестæй абсгæрсты процесс- уый фæдыл Информаци, ахуырады министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, Гуырдзыстоны ахуырады æмæ зонæдты министрады æххуысæй, низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры минæвæрттæ 400-йæ фылдæр æхсæнадон æмæ хицæн скъолаты дохтыртæ бацæттæ кодтой.
«Растдæр бацæттæгонд дохтыртæ ифтонг кæндзысты фæнысангонд скъолаты «Covid-19»-ы кусджыты тестæй абсгæрст. Æрмæст уыцы скъолаты, цы ран дохтырты нырма нæ бацæттæ кодтой, тестæй басгæрсты процесс, низты кнтролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры организацигондæй адарддæр уыдзæн.
Скъолаты æдас уавæры максималонæй сифтонг кæныны нысанæн, дыууæхаттонæй вакцинацигонд кæнæ ковидæй сæнæнизæуæвæг ахуыргæнджыты коронавирусыл дыууæ къуырийы иу хатт «PCR» тестæй сгарынц, иухаттонæй вакцинацигонд кæнæ вакцинæ кæмæн нæй уыцы ахуыргæнджытæ та – къуырийы иу хатт антигены тестæй сгарынц.
Ацы рæстæгмæ вакцинацигонд сты ахуыргæнджыты æмæ скъолаты администрацийы минæвæртты 73,6%.
Вирусæй хи аиуварс кæнынæн с къолатæ æххæстæй ифтонггонд сты куыд æмбæлон дезинфекцион тæнгъæддæй, афтæма маскæтæй, термоскринигы аппараттæй æмæ дезобарьертæй.
Ахуыргæнджыты æмæ ахуыргæнинæгтæн æдас уавæр скæнынæн, ахуырады æмæ зонæдты министрады минæвæртты æрдгæй Тбилис æмæ Гуырдзыстоны алы регионы скъолаты мониторинг æнæаскъуынгæ режимæй дарддæр кæны» – банысангонд у ахуырады министрады информацийы.