Ахалгоры гамгебели – бæрæг куыд у афтæмæй, Арчил Татунашвилийы марды абон радæттыны архайд, æнæфæстиуæгæй ацыд
Бæрæг куыд у афтæмæй, Арчил Татунашвилийы марды абон радæттыны архайд æнæфæстиуæг разынд – уый фæдыл Ахалгоры районы гамгебели Нугзар Тиникашвили, Татунашвилийы бинонтæм барагдзау куы уыдис уый фæстæ загъта. Уый журналисттимæ Женевæйы дискуситы æмсæрдæртты оккупацигонд Цхинвалмæ абоны визитæн скодта аргъ.
«Хъыгагæн, ьæрæг куыд у афтæмæй, архайд æнæфæстиуæгæй ацыд. Мах æрзонгæ стæм а.х. Хуссар Ирыстоны президенты Бибиловы фидиуæнимæ, цæвиттон иу мæй хъæуы экспертизæ саразынæн. Ай у æнæдаæймагон ахаст, маст исын у. Лæгы амардтой æмæ марды дæр нæ уадзынц, хъизæмарæй марынц æмæ æнæ æрмæст марды, фæлæ ма æппæт бæстæйы æфхæрд у, цинизм æмæ æндæр ницы» – расидтис Нугзар Тиникашвили.
Ахалгоры гамгебели оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауад, хæсты рæстæджы æвæндаг æрбайсæфт æртæ уæнгы адæттын кæй æркуырдта уый фæдыл дæр фæныхас кодта.
«Ацы æртæ æрбайсæфтуæвæгы фæдыл информаци ерын фехъусытам, ныры онг ахæм цыдæр дзыллæйæн ничи фехъусын кодта æмæ ничи ницы зыдта, цымæ кæцæй æрхастой аы хабар? Фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, æндæр æмæ æндæр аххосæгтæ агурынц уый тыххæй, цæймæ исты амæлттæй фæкуылымпы кæной радæттын æмæ уый фæстæ мауал бантыса реалон аххос сбæрæг кæнын. Ацы этапмæ бинонты æрмæст иу цыдæр , сæ марды бавæрын æмæ йын куыд æмбæлы афтæ скад кæнын рæстдинон агъдауæй. Æппын сæ нæ интерес кæны цæмæй æмæ куыд амард, адæймаг удæгас нал у æмæ нал сæгас уыдзæн» – банысан кодта Тиникашвили.
Тиникашвилийы ныхæстæм гæсгæ, оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауады æрдгæй Арчил Татунашвилийы буары радæттыны ныхмæ акцимæ скъолайы ахуыргæнинæгты æмæ фæсивæды уый тыххæй ракодтой, цæмæй сæм этникон гуырдзиæгты æрдæм фыдзæрдæ ахаст сцырын кæной æмæ ай у нæрайсгæ.