Акцийы хайадисджытæ Гуырдзыстоны Фыцццаг Каналы исæг къордæн куысты фадат нæ дæттой
Парламенты цæугæ акцийыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг къордæн профессион куысты сыххæсты фадат нæ дæттой. Фыццаг Каналы журналист бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй акцийы хайадисжыты æхсæн уыдис дауу фидæнон планты тыххæй, кæцыйы айсын архайдта оператор, æмæ кæцы архайд смæсты кодта акцийы хайадисджыты.
Уыдон Фыццаг Каналы камерæ сæ къухтæй, тырысатæй æмæ баннертæй бамбæрзтой.
Руставелийы проспектыл, парламенты цур змæлдтæ «Джиути», æмæ «Дафиони» уадзынц акци. Æрымбырдуæвджытæ «Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъонпроект протест кæнынц.
Уыимæ, акцийы хайадисджытæм баиу ис политиктæ, сæ нымæцы «Стратегиа Агъмашенебели»-ы лидер Гиорги Вашадзе æмæ парти «Лело»-йы уæнг Ираклий Къупрадзе.