Аэропортты  иугонд  - Гуырдзыстоны  æртæдæр æхсæнадæмон аэропортæй  тахтытæ  сыххæст уыдзæн  æрмæстдæр уыцы авиакомпанитæй  æмæ борттæ, кæцытæ  не сты  хаст санкциты номхыгъдмæ
Аэропортты иугонд - Гуырдзыстоны æртæдæр æхсæнадæмон аэропортæй тахтытæ сыххæст уыдзæн æрмæстдæр уыцы авиакомпанитæй æмæ борттæ, кæцытæ не сты хаст санкциты номхыгъдмæ

 

Гуырдзыстоны æртæдæр  æхсæнадæмон   аэропортæй   тахтытæ   сыххæст уыдзæн æрмæстдæр уыцы авиакомпанитæй æмæ  уыцы борттæй, кæцытæ не сты хаст  санкцион номхыгъдмæ. Фæнысангонды  фæдыл   фидиуæн  ппубликаци кæны Гуырдзыстоны  аэропортты  иугонд.

«Бæрзонд æхсæнадон интересы тыххæй,   нæ фæнды ноджы   иу  хатт райхалын.  Уынаффæ  æххæссы Гуырдзыстоны алы  æхсæнадæмон аэропортмæ: Шота Руставелийы  номыл  Тбилисы Æхсæнадæмон Аэропортмæ, Давит Агъмашенебелийы номыл  Кутаисы  æхсæнадæмон аэропортмæ æмæ Александлре Картвелийы номыл Батумы æхсæнадæмон  аэропортмæ.

Ноджы иу  хатт бæлвырд  фиксир кæнæм: Аэропортты тахтытæ  сыххæст уыдзæн æрмæстдæр уыцы  авиакомпанитæй æмæ  борттæй, кæцытæм не ххæссынц  санкцитæ.  Хъауджы ахаст  иунæг æхсæнадæмон  аэропортмæ дæр нæ уыдзæн» – дзырдæуы   фидиуæны.