АИШ-ы вице-президент Камала Харрис Саломэ Зурабишвилимæ фыстæг æрвиты
Райгонд сиæм уæ фæстагрæстæгон архæйдтытæй, цææмй вето сæвæрдтат антидемократон инициативæйыл æмæ иузæрдыг хæцут æмбæстагон дзыллæйы сæрыл, кæцы Гуырдзыстоны, тасы раз æрлæууыд – уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы вице-президент Камала Харрисы Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилимæ æрвыст фыстæджы.
Фыстæджы ма афтæдæр банысангонд у, цæмæй АИШ аргъ кæны Саломэ Зурабишвилийы лидердзинадæн æмæ тыхархайдæн, бахъахъхъæна æмбæстагон дзыллæ Гуырдзыстоны.
«Зынаргъ президент, президент Байденимæ иумæ æз дæр стыр сагъæстæй кæсæм Гуырдзыстоын айтынггонд фæзындтæм. Хъынцъым кæнæм, фæзындты ахæм айтынгæй, цахæмдæр у фæстаг периоды Гуырдзыстогн парлам енты фæсарæйнаг агентты фæдыл закъонопроекты райст, кæцы гæнæн ис тæссаг уа Гуыродзыстоны демократийæн æмæ æмæ йæ бын ракъаха Гуырдзыстоны ахастытæн Иугонд Штаттимæ æмæ Европæимæ. Райгонд стæм уæ фæстагрæстæгон архæйдтытæй, ома вето сæвæрдтат ацы антидемократон инициативæйыл æмæ иузæрдыг хæцут æмбæстагон дзыллæйы сæрыл, кцы Гуырдзыстоны тасы раз æрлæууыд.
Иугонд ШТаттæ, æртæ дæсой азæй фылдæр у йæ фрас хæцы Гуырдзыстоны демократийæн æмæ евроатлантикон тырнынадæн. 2008 азы Уæрæсейы бырсты фæстæ, Иугонд ШТатты фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн хъæддых дарддæр кæны. Нæ партнерад бындурæвæрд у иумæйаг хæзнатыл, иумæйаг интерестыл мæ кæрæдзийæн цытыл. Мах, уæхск-уæхскмæ хæцыдыстæм Афгъанистаны æмæ Иугонд ШТаттæ у Гуырдзыстоны æддагон æххуысы сегасдæр ставд ифтонггæнæг, цææмй йæ къух сараза критикон инфраструктурæйы арæзтадæн, демократон институтты стынг кæнынæн æмæ уæ æфсæддон тыхты модернизацийæн. Гуырдзиаг адæм дырыс хъусын кæнынц, цæмæй йæ сæ фнды Евроцæдис æмæ НАТО-ы уа сæ фидæн. Уыдон æнхъæлынц, цæмæй фæсарæйнаг агентты закъонопроет ацы фидæнæн тæссаг у æмæ уый тыххæй тызмæг йæ ныхмæ цæуынц. Уыдонæн ис æххæст бар, тырной ацы фидæнмæ æмæ тыхæй ма хъуамæ спайда кæной сабырадон æмбырды æмæ дзырды сæрибардзинад фæкуылпыкæнынæн. Мах аргъ кæнæм уæ тыхархайдæн, бахъахъхъæнат æмбæстагон дзыллæ Гуырдзыстоны. Уæ тыхархайдæн уыдзæн бындурон нысаниуæг, уымæн æмæ гуырдзиаг адæмы ис уæ ныфс, цæмæй бахъахъъхæндзыстут демократи Гуырдзыстоны æмæ Гуырдзыстоны евроатлантикон фидæн. Иугонд Штаттæ уæ фарс æмæ гуырдзиаг адæмы фарсмæ ис хуыздæр фидæнмæ тырындзинады» – банысангонд к Камала Харрисы фыстæджы.