АИШ-ы Сенаты æддæ ахастыты комитетыл хъусыны рæстæджы Гуырдзыстонæн фарсхæцæг фидиуæнтæ сырæзт
АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты комитеты 3 декабры ацыд хъусын «Уæрæсейы æрдæм АИШ-ы политикæйы фидæн», кæцыйыл дзырдæй ралæууыдысты политикъон фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг, Девид Хейли æмæ æхсæнадæмон ахастыты æмæ æнæахæлиуы фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæг, Кристофер Форд.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, хъусыны рæстæджы йæ разныхасы Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейы агресси бафаудта сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар, сенатор Джеймс Риш.
«Кæй зæгъын æй хъæуы алчи зонæм, азты дæргъы цæугæ Уæрæсейы бырсты тыххæй Гуырдзыстон æмæ Украинамæ, æндæр бæстæты территорийыл Уæрæсейы æмбæстæгты фæмаргджын кæныны тыххæй. Уæрæсейы Федерацийы тыххæй абон дунейы æрбынат кодта тас æмæ фæлæмæгъ ис сæрибардзинад», – банысан кодта сенатор Риш.
«Тынг дырыс хъуамæ уæм, цæмæй 2008 азы Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ лæбурды бонæй фæстæмæ, Кремлы агрессивон архæйдтыты бирæ дæнц, хуымæтæгæй æнæруадзгæ у æмæ нæй гæнæн суа æхсæнадæмон ахастыты нормæйæ», – райхъусын кодта Сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар, сенатор Боб Менендес.
Политикъон фарстаты АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæгы, Хейлийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, зæгъгæ «Уæрæсе йæ сыхы архайы доминир кæнын, кæцы фæбæрæг ис йæ агрессийы Гуырдзыстон æмæ Украинайы ныхмæ». Йæ ныхæстæм гæсгæ. АИШ-æ нысаниуæгджын хуызы финансон бæгъдуан райста йæхиуыл баххуыс кæна партнер бæстæтæ – Гуырдзыстон æмæ Украинайæ сæ æнæфæцудгæдзинад фæфидардæр кæнынæн.
«Украинайæн æххуысы æнгæс, мах Гуырдзыстонæн æддæ æфсæддон æххуысы фæлгæтты 2014 азæй райдайгæ рахицæн кодтам 170 милуан доллар, сæ нымæцы 94 милуан доллар 2018-2019 фисклаон азмæ, цæмæй Уæрæсейæ цæугæ агрессийæн базхом уынæн фæхуыздæр кæнæм Гуырдзыстоны хъæддыхдзинад, фæтыхджындæр кæнæм бæстæйы территорион хъахъхъæдады фæрæзтæ æмæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны æфсæддон трансформацийы тыхархайды æмæ НАТО-имæ æмбынатин скæныны хъуыжжажы», – райхъусын кодта Хейли.