АИШ-ы Сенатмæ бавдыстой резолюци, кæцы Гуырдзыстоны алы партийæ домы, Шарль Мишелы медиацийæ къухбафыст бадзырд тагъд сыххæст кæнын
АИШ-ы Сенаты бавдыст уыд резолюци, кæцы гуырдзыстоны алы партимæ сиды, Шарль Мишелы медиацийæ 19 апрелы къухбафыст бадзырд тагъд сыххæст кæной æмæ бæлвырд кæны Сенаты разыдзинад Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ евро-атлантикон тырнынадтимæ.
Конгрессы веб-фарсыл публикацигонд резолюциы проект сенатор Рон Джонсоны инициргонд у. Уыимæ разы сты сенатортæ Джин Шахин, Джеимс Риш, Крис Ван Холен æмæ Джон Барасо.
Резолюцийы проекты кæсæм:
1.Курæг стæм «Гуырдзиаг Бæллиццæй», «Иугонд Националон Змæлдæй» æмæ парламентмæ æвзæрст æндæр партитæй, æнæхъæнæй сыххæст кæнæт Евроцæдисы Советы президент Шарль Мишелы банхъард компромисс.
2.Курæг стæм æвзæрст парламентартæй иууылдæр, бацахсæт сæ бынæттæ парламенты æмæ райдайæт кусын æвæстиатæй уыцы быцæусидтытыл, кæцыты раз лæууы Гуырдзыстон, сæ нымæцы «Ковид-19»-ы пандемийы фæстиуджытæ, лæмæгъ экономикæ æмæ быцæусидтытæй æфсæст регионон динамикæ.
3.Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, ауадзæт системон реформæтæ, кæцы реформæтæ алы фарсытимæ инклюзивон æмæ æргом консультацион процессы фæлгæтты уыд бакуыст, цæмæй ифтонггонд уа объективон хæдбар тæрхонон системæ, кæцы нæ лæггад кæндзæн политикон æмæ партион нысæнттæн, уый нымæцы Венецийы Комиссийы æмæ æндæр экспертты бакуыст рекомендацитæ исгæйæ æмæ скусын кæныны фæндагæй.
4.Курæг стæм Гуырдзыстоны хицауадæй, ауадзæт инклюзивонæй æмæ æргомæй бакуыст системон æвзарæнон реформæтæ, кæцы алыг кæндзæн политикон къуымаы аххосæгтæ æмæ кæцыйы фæрц бæстæ аиуварс уыдзæн ахæм кризисы ногæй сæвзæрд, уый нымæцы OSCE-ы æмæ ODIHR-ы рекомендацитæ æххæстæй исгæ æмæ скусын кæныны фæдагæй.
5.Разы стæм, цæмæй политикон ситуаци Гуырдзыстоны фæкарз ис Уæрæсейы Федерацийы тыхайрхайдæй, кæцы здæхт уыдис Гуырдзыстоны хаос ахæлиу кæныны æрдæм, уый нымæцы æнæзакононæй оккупацигонд территоритыл Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны.
6.Мæстыдзинад æвдисæм, цæмæй демократон институтты æмæ процессты сфидар кæныны фæндагыл уæвæг цæлхдуртæ куылымпы кæнынц Гуырдзыстоны прогресс евро-атлантикон интеграцийы тырнынад сыххæсты æмæ экономикæ стынг кæныны, кæцы гæнæн ис, расайа Гуырдзыстонмæ хаугæ æххуысыл бæрæг домæнтæ сфидар кæнын.
7.Хаххгондæй хъусын кæнæм, цæмæй АИШ разы у бирæ фидардæр демократи куыд уа Гуырдзыстоны уыцы уавæримæ, кæцыйы хицаугæнæг институттæ æвдисынц фидардзинад, æххæст цæуы хыгъдбæрнондзинад æмæ баланс, æргомдзинад, фæразон уой йæ ныхмæ лæууын Уæрæсейы æмæ æндæр знаггадгæнæг æндæвдадтæн æмæ сæ бон у гуырдзиаг адæмы евро-атлантикон тырнынад сыххæст кæнын.