АИШ-ы президентон æвзæрстыты кандидатурæимæ баст хъæлæскæныныл Камала Харрис партийы делегатты хъæлæсты 99% райста
АИШ-ы президентон æвзæрстытæм кандидатурæимæ баст хъæлæскæныныл вице-президент Камала Харрис Демократон партийы делегатты хъæлæсты 99% рымбырд кодта. Уый фæдыл Демократон партийы къухдариуæгад фондзбонон электронон хъæлæскæныны фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Камала Харрис уыд иунæг кандидат электронон хъæлæскæныны. Ныр йæ кандидатурæ официалонæй партийы националон æмбырдыл хъуамæ сбæлвырд уа, æмбырд 19 августы райдайдзæн.
Зæгъæн ис 4 500 делегат Демократон партийы президентон кандидатæн хъæлæс кæныны ивгъуыд къуырийы райдыдтой. Хъæлæскæныны процесс та къуырисæры фæцис.
Хъæлæскæнын æнæмæнгхъæугæ уый фæстæ ссис, Америкæйы президент Джо Байден резидентон æвзæрстытæй сæрмагонд кандидатурæ куы рацух кодта, уæд.