АИШ-ы паддзахадон нымæрдары уынаффæгæнæг Дерек Шолле хъусын кæны, цæмæй æргомдзинады фæдыл  закъонопроекты  тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министримæ  фæныхс кодта
АИШ-ы паддзахадон нымæрдары уынаффæгæнæг Дерек Шолле хъусын кæны, цæмæй æргомдзинады фæдыл закъонопроекты тыххæй Гуырдзыстоны премьер-министримæ фæныхс кодта

АИШ-ы паддзахадон нымæрдары  уынаффæгæнæг Дерек Шолле хъусын кæны, цæмæй  æргомдзинады фæдыл закъонопроекты тыххæй, Гуырдзыстоны премьер-министр Иракий Къобахидзеимæ фæныхас кодта.

Дерек Шолле социалон хызаг «Х»-ы  фарсыл куыд фыссы  афтæмæй  АИШ сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ  ноджы иу  хатт  сбæлвырд кæна  Гуырдзыстоны иузæрдыгдзинад евроатлантикон  фидæнимæ.

«Абон премьер-министр Къобахидзейæн фехъусын кодтам нæ  сагъæстæ  Гуырдзыстоны  нырыккон траэкторийы тыххæй –  хицауады знагон риторикæ  æмæ антидемократон  закъондæттынадæн фарсхæцын   тас хæссы   Гуырдзыстоны евроатлантикон фидæнæн.  Иугонд штаттæ   сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, ноджы иу  хатт  сбæлвырд кæна  Гуырдзыстоны  иузæрдыгдзинад  евроатлантикон  фидæнимæ, кæцы  гуырдзиæгты  абсолютон  фылдæры хайы  фæндон у» –  фыссы Дерек Шолле.