АИШ-ы паддзахадон департамент – Белорусы президентон æвзæрстытæ сæрибар æмæ рæстаг нæ уыдысты
АИШ-ы паддзахадон департамент – Белорусы президентон æвзæрстытæ сæрибар æмæ рæстаг нæ уыдысты

АИШ-ы паддзахадон департаменты фидиуæнæй, Белорусы 9  августы  президентон æвзæрстытæ  сæрибар æмæ рæстаг нæ уыдысты. Уый фæдыл  дзырдæуы  падзахадон нымæрдар  Майк Ипомпеойы  номæй  ахæлиугонд  фидиуæны.

«АИШ-æ тынг  мæсты  у Белорусы 9 августы  ацæугæ  президентон æвзæрстыты тыххæй,   кæцы  нæ  уыд сæрибар  æмæ  рæстаг.  Сæрибар æмæ Рæстаг æвзæрстытæ æцæг конкуренци куы  фæбæрæг ис,  у  кæцыфæнды  хицауады  æххæстбарты  æмæ  легитимондзинады бындур.

Белорусы  хицауад, хъуамæ кадæ кæна  белорусаг адæмы  бартæн, цæмæй  сын уа  бар, хайад райсын сабыр æмбырдты, сæхи бауромой  тыхæй  архайын  æмæ ссæрибар кæной  æнæзакъононæй æрцахстуæвджыты.  Мах фауæм  акцийы  хайадисджыты  ныхмæ  цæугæ  тыхмидзинад  æмæ  оппозицийы  фарсхæцджыты  æрцахст, афтæ  куыд, интернеты раиу кæнын,  цæмæй  арæн скæной  белорусаг адæмæн, æвзæрстыты  æмæ  демонстрациты  тыххæй информаци ахæлиу кæныны  фадат», – дзырдæуы АИШ-ы  паддзахадон департаменты  публикацигонд фидиуæны.