АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Алан Перселл –астæуккаг къæлидоры фарстайыл, АИШ дарддæр кæны æххуыс Гуырдзыстон æмæ æнæхъæн регионæн  конкретон инвестицитæй
АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Алан Перселл –астæуккаг къæлидоры фарстайыл, АИШ дарддæр кæны æххуыс Гуырдзыстон æмæ æнæхъæн регионæн  конкретон инвестицитæй

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Алан Перселл Сау Денджызы платформæйы фæлгæтты уагъд конференцийыл фæныхас кодта астæуккаг къæлидоры нысаниуæгыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад хъусын кæны.

Минæварады информацимæ гæсгæ, АИШ дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æмæ æнæхъæн регионæн,  астæуккаг къæлидоры фæдыл æххуыс кæнын, конкретон инвестицитæй, сæ нымæцы нысаниуæгджын хайбавæрд Поты ног денджызон порты райрæзтæн æмæ Гуырдзыстоны транзитон потенциал америкаг бизнестæн базонгæ кæнгæйæ.

«Минæвары хæстæ æххæстгæнæг бахахх кодта, цæмæй Сау Денджызы регионы ноджы фæтыхджын кæндзæн  TRIPP-ы инициативæ, кæцы Сомих æмæ Азербайджаны æхсæн,АИШ-ы медиацийæ  арæзт æрцыд » – ис фыст АИШ-ы минæварады расидæны.