АИШ-ы минæварад – тыхон методтæ æмæ агресси не сты Гуырдзыстоны политикон æнæразыдзинады аскуыддзагы фæндаг
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады мæтæйдзаг сты оппозицион партийы лидеры, Ника Мелиайы æрцахсты тыххæй.
Фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй, тыхон методтæ æмæ агресси не сты Гуырдзыстоны политикон æнæразыдзинад аскуыддзагæн хос.
«Америкæйы Иугонд Штатты минæварад арф мæтæйдзаг у хицауады уынаффæйæ сæйраг оппозицион партийы лидеры æрцахсты тыххæй ацы сæумæрайсом партийы сæйраг офисы. Тыхст стæм, цæмæй АИШ-ы æмæ æндæр æхсæнадæмон партнерты сидтытæ, хиуылхæцындзинады æмæ диалогы æрдæм, ницæмæ æрдарттой. Мæсты стæм кризисы рæстæджы Гуырдзыстоны къухдариуæггæнæг уæнгты хъаугъатауæг риторикæйæ. Тыхон методтæ æмæ агресси не сты Гуырдзыстоны политикон æнæразыдзинады аскуыддзагы фæндаг. Абон Гуырдзыстон фæстæмæ къахдзæф сарызта евроатлантикон паддзахадты бинонты æхсæн фидар демократимæ фæндагыл», – банысангонд у Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады фидиуæны.