АИШ-ы минæварад  парламенты уæнгтæн  Гуырдзыстоны  æвзарæнон  системæмæ  гæсгæ  закъондæттæн ивддзинæдты  фыццаг хуъсынæй райсын арфæ кæны
АИШ-ы минæварад парламенты уæнгтæн Гуырдзыстоны æвзарæнон системæмæ гæсгæ закъондæттæн ивддзинæдты фыццаг хуъсынæй райсын арфæ кæны

Уый у  райрæзгæ парламентон  плюрализмы æрдæм  арызт нысаниуæгджын фыццаг къахдзæф  – уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары «Фейсбук» фарсыл  публикацигонд фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«АИШ-ы  минæварад  арфæ  кæны  парламенты уæнгтæн, Гуырдзыстоны  æвзарæнон системæмæ гæсгæ,  конституцион ивддзинæдты  фыццаг  хъусынæй  райст.  Уый у  райрæзгæ парламентон  плюрализмы æрдæм  арызт нысаниуæгджын фыццаг къахдзæф. Ныфс нæ ис  цæмæй   ацы  закъондæттæн  ивддзинæдтæ райсдзысты  уæрæх   разыдзинадæй   æмæ  алы фарсæй  дæр курæг стæм   8 марты  бадзырд   кæронмæ сæххæст кæнын» – дзырдæуы  Гуырдзыстоны  АИШ-ы минæварады   «Фейсьук» фарсыл.

136 хъæлæсæй фондзы ныхмæ,  парламент  æвзарæнон  системæ ивды нысанæн бакуыст  конституцион ивддзинæдтæ,  сфидар кодта  фыццаг хъусынæй.  Хъæлæскæнынады    хайад райстой    хæдбар депутаттæ æмæ  оппозицион   фракцитæ,  «Националон Змæлдæй»  цух.

აშშ-ის საელჩო ულოცავს პარლამენტის წევრებს საქართველოს საარჩევნო სისტემასთან დაკავშირებით საკონსტიტუციო ცვლილების პირველი…

Posted by US Embassy Tbilisi, Georgia on კვირა, 21 ივნისი, 2020