АИШ-ы  минæварад -  Майк Помпео, Гиорги Гахариа æмæ Давит Залкалианиимæ фембæлд АИШ-ы æрдгæй  Гуырдзыстоны  евроатлантикон тырнынадтæ æмæ демократон институттæ стынг кæныны фарстаты ныхас  кæнынмæ
АИШ-ы минæварад - Майк Помпео, Гиорги Гахариа æмæ Давит Залкалианиимæ фембæлд АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадтæ æмæ демократон институттæ стынг кæныны фарстаты ныхас кæнынмæ

Гуырдзыстоны   АИШ-ы   минæварад публикаци кæны  Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Гахариайы  æмæ  фæсарæн хуъыддæгты министр  Давит Залкалианийы  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдаримæ  фембæлды фæдыл  информаци.

«Паддзахадон нымæрдар Майк Помпео,  премьер-министр Гахариа æмæ  фæсарæн хуъыддæгты  министр   Залкалианиимæ фембæлд,  Гуырдызстоны евроатлантикон тырнынадтæн  æмæ  бæстæйы  демократион  институтты фæтыхджын кæныны фарстаты АИШ-ы  æххуысы  фæдыл  ныхасы тыххæй фембæлд.  Паддзахадон нымæрдар, афтæдæр  хуъсдард раздæхта   æвзарæнон æмæ тæрхонон  реформæты  нысаниуæгы æрдæм», –   дзырдæуы  АИШ-ы  минæварад   информацийы.

Майк Помпеойы фембæлд  Гиорги Гахариа æмæ  Давит Залкалианиимæ  ацыд  хицауады  администрацийы.  АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео абон сæумæрайсомæй  фембæлд  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилиимæ, ацы минутты  та  æмбæлы  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ.  Майк Помпео афтæдæр  фембæлдзæн æмбæстагон æхсæнады  минæвæрттимæ.

Майк Помпео  Гуырдзыстонмæ  дыууæбонон визитæй   знон æрцыд. АИШ-ы паддзахадон  нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ, абон фæуыдзæн  æмæ Уый фæстæ араст уыдзæн Израилмæ.