АИШ-ы минæварад - Майк Помпео, Гиорги Гахариа æмæ Давит Залкалианиимæ фембæлд АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстоны евроатлантикон тырнынадтæ æмæ демократон институттæ стынг кæныны фарстаты ныхас кæнынмæ
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад публикаци кæны Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы æмæ фæсарæн хуъыддæгты министр Давит Залкалианийы АИШ-ы паддзахадон нымæрдаримæ фембæлды фæдыл информаци.
«Паддзахадон нымæрдар Майк Помпео, премьер-министр Гахариа æмæ фæсарæн хуъыддæгты министр Залкалианиимæ фембæлд, Гуырдызстоны евроатлантикон тырнынадтæн æмæ бæстæйы демократион институтты фæтыхджын кæныны фарстаты АИШ-ы æххуысы фæдыл ныхасы тыххæй фембæлд. Паддзахадон нымæрдар, афтæдæр хуъсдард раздæхта æвзарæнон æмæ тæрхонон реформæты нысаниуæгы æрдæм», – дзырдæуы АИШ-ы минæварад информацийы.
Майк Помпеойы фембæлд Гиорги Гахариа æмæ Давит Залкалианиимæ ацыд хицауады администрацийы. АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео абон сæумæрайсомæй фембæлд Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, ацы минутты та æмбæлы Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ. Майк Помпео афтæдæр фембæлдзæн æмбæстагон æхсæнады минæвæрттимæ.
Майк Помпео Гуырдзыстонмæ дыууæбонон визитæй знон æрцыд. АИШ-ы паддзахадон нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ, абон фæуыдзæн æмæ Уый фæстæ араст уыдзæн Израилмæ.