АИШ-ы минæварад – Майк Помпео банысан кодта, цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ фидар æнцойæвæрд сты нæ иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадмæ АИШ-ы æнæфæцудгæ иузæрдыгдзинадыл
Америкæйы Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдар, Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визит фæцис. Визиты кæрон информаци айхъусын кодта Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад.
«Падздахадон нымæрдар Помпео коллегæтимæ фæстиуæгджын фембæлдты фæстæ, Гуырдзыстонмæ визит фæцис. Паддзахадон нымæрдар æнæгуызавæйæ банысант кодта, цæмæй АИШ-Гуырдзыстоны ахастытæ фидар æнцойæвæрд сты нæ иумæйаг аргъдзинæдтыл æмæ Иугонд Штатты æнæфæцудгæ иузæрдыгдзинадыл Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ северенитетмæ» – дзырдæуы АИШ-ы минæварады информацийы.
Майк Помпео Гуырдзыстонмæ дыууæбонон визитæй знон æрцыд. АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Тбилисы официалон фембæлдтæ абон сæумæрайсомæй райдыдта.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар фыццаг фембæлдис Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Фæстæдæр хицауады администрацийы Майк Помпео премьер-министр Гиорги Гахариаимæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлд. Уый фæстæ та фембæлд ацыд Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ. Майк Помпео афтæдæр фембæлдис, æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ.