АИШ-ы минæварад – Иугонд Штаттæ нымадмæ нæ исы Уæрæсейы оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. æвзæрстытæ æмæ сæ фæстиуджытæ
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. парламентон æвзæрстыты кой кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Америкæйы Иугонд Штаттæ нымадмæ нæ исы а.х. парламентон æвзæрстытæ, кæцы Гуырдзыстоны, Хуссар ИРыстоны регионы 9 июны ацыдысты æмæ нымадмæ нæ райсдзæн сæ фæстиуджытæ.
«Нæ позици Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ гæсгæ æнæивгæ у: ацы регионтæ сты Гуырдзыстоны æнæдихаг хай. Хахх кæнæм нæ фидар фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты. Ноджы иу хатт сидæм Уæрæсейæ, сæххæст кæна 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдон иуылдæр. Сæ нымæцы ис йæ æфсæддон тыхты аконд конфликтагъоммæ периоды цы позицитыл уыд уырдæм, Гуырдзыстоны регионты: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымады фæмацы кæнын æмæ регионты гуманитарон æххуысы сæрибарæй змæлд срæвдз кæнын»- банысангонд у минæварады фидиуæны.
Оккупацигонд Цхинвалы регионы а.х. парламентон æвзæрстытæ знон ацыдысты. Уырыссаг медийы хъусинагæй, а.х. æвзæрстыты фæразæй ис партий «Единая Осетия».
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп ратта оккупацигонд Цхинвалы регионы цæугæ а.х. парламентон æвзæрстытæн, кæцы гуырымыхъхъ халы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территоритон æнæхъæндзинад йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты.Афтæма, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды æхсæнадæмон æмгарадмæ, æмбæлон аргъ скæнæт оккупацигонд Цхинвалы регионы цæугæ а.х. парламентон æвзæрстытæн æмæ æрсидтис Уæрæсейы Федерацимæ, сæххæст кæна йæхимæ цы æхсæнадæмон бæрн райста уый æмæ акæна йæ æфсæддæ Гуырдзыстоны территорийæ.