АИШ-ы минæварад – Иугонд Штаттæ нымадмæ нæ исы оккупацигонд Цхинвалы а.х. президентон æвзæрстытæ æмæ йæ фæстиуджытæ
Иугонд Штаттæ нымадмæ нæ исы 10 апрелы Гуырдзыстоны Хуссар Ирыстоны регионы ацæугæ а.х президентон æвзæрстытæ æмæ йæ фæстиуджытæ – уый фæдыл информаци, ахæлиу кодта Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад.
«Нæ позици Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ гæсгæ у иунысанон: Ацы регионты сты Гуырдзыстонæй æнæраскъуынгæ. Уый ивæг нæу нæдæр «æвзæрстытæ» æмæ нæдæр априори æнæзаконон «референдум», кæцы Хуссар Ирыстонмæ сиды Уæрæсейы скондмæ бацыдмæ. Уымæ гæсгæ дæр, хахх кæнæм нæ хъæддых фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты.
Ныр, Уæрæсе Украинайы æбуалгъ, æнæпровоциргонд æмæ æнæраст куы хæцы, æмæ барæй, бырсы украинаг адæммæ æмæ горæттæм, ноджы ахсджиагдæр у ацы фундаментон принциптæ хъахъхъæнын,к æцытæ æхсæнадæмон æдасдзинад ы бындур сты.
Уый тыххæй, сидæм Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ ныууадзæт хæст Украинайы æмæ Гуырдзыстоны йæ оккупаци, сыххæст кæнæт 2008 азы æхст фæурæды фæдыл бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста иууылдæр. Сæ нымæцы Уæрæсейы тыхты аконд конфликтагъоммæ позицитæм, Гуырдзыстоны регионты: Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбарад банымады фæдыл уынаффæ аивд æмæ ацы регионтæм гуманитарон æххуыс уæгъдибарæй змæлд сифтонг кæнын» – банысангонд у минæварады информацийы.