АИШ-ы минæварад – иу кæнæм алы гуырдзиагы æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы минæвæрты циндзинадмæ, Важа Гаприндашвили кæй ссæрибар ис уымæ гæсгæйæ
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад дохтыр Важа Гаприндашвилийы ссæрибары тыххæй куырдиат аразы.
«Райгонд стæм информацийæ, Хуусар Ирыстоны де-факто хицауад, дохтыр Важа Гаприндашвилийы кæй ссæрибар кодта уый фæдыл. Арфæ кæнæм алы гуырдзиагæн æмæ æхсæнадæмон дзыллæйы минæвæрттæн кæмæдæриддæр æхсызон уыд ацы хъусинаг уый фæдыл, цæмæй уый йæ хæдзармæ æрыздæхт æмæ йæ бинонтимæ иумæ сбæрæгбон кæндзæн»- банысангонд у минæварады куырдиаты.
Афтæма минæварад ноджы иу хатт сиды де-факто хицауадмæ, байгом кæна ахизæн пунктытæ.
« Мах ноджы иу хатт курæг стæм де-факто хицауадæй, байгом кæнæнт администрацион дихгæнæг хаххы алфамбылай ахизæн пункттæ æмæ æруадзæнт бынæттон цæрджыты сæрибарæй змæлд æмæ нуманитарон æххуысы ифтонгад.
АИШ-æ æнæфæцудгæйæ æмзæрдæ сты Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм фарсхæцынæн»- дзырдæуы Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады куырдиаты.