АИШ-ы минæварад - «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ оппозицион партитæ дзырд раттой, цæмæй иумæ куыстаиккой парламенты расттæрхоны системæйы реформæйыл, уыдон сæ дзырд хъуамæ сыххæст кæной
Абон «Гуырдзиаг Бæллицц» парламенты, конституцион ивддзинæдтæ кæй фæкъуыхцы кодта, кæцытæн сæ нысан уыд сæйраг прокурроры снысан кæнынæн уæрæх, бирæпартион разыдзинад, уыцы ми у ноджы иу дзæгъæлы сæфт фадат, цæмæй Гуырдзыстонæн уыдаит, хæдбар, æргом æмæ объективон тæрхонон системæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады ахæлиугонд фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Афтæма сæ фидиуæнæй, зæгъгæ парламенты æркургæ хыгъдлæвæрдæй снысан кæныны процессы бавдыст ивддзинады рекомендаци дæтта Венецийы Комисси – Барады экспертты æхсæнадæмон оргæн, афтæ куыд æндæр æхсæнадæмон эксперттæ.
«Гуырдзиаг Бæллицц æмæ оппозицион партитæ дзырд раттой, цæмæй сног кæндзысты тыхархайд æмæ иумæ кусдзысты парламенты расттæрхоны системæйы реформæйыл. Уыдон хъуамæ сыххæст кæной сæ дзырдлæвæрд æмæ сыххæст кæной тæрхонон реформæйы раззаг уылæнты æппæтылæххæссæг, бирæпартион аргълæвæрд æмæ бакусæт расттæрхоны системæйы æргомдзинады, объективондзинады æмæ бæрнондзинад райрæзын кæныны æрдæм уагъд инициативæтæ. Ацы реформæтæ сæрмагондæй нысаниуæгджын сты Гуырдзыстоны евроинтеграцийæн æмæ сегасдæр сæйраг та уый у æмæ, ифтонг кæнынц ахæм рæстаг, профессионалон расттæрхоны системæ скæнын, цæй аккаг дæр сты Гуырдзыстоны цæрджытæ» – дзырдæуы фидиуæны.
Парламент конституцион ивддзинæдтæ фыццаг кастæй райста. Конституцион ивддзинæдтæм æмбæлгæйæ, фæдылдзог дыууæ сидты парламенты æвзарæнон барьер, фондзæй дыууæ проценты онг фæкаддæр уыдзæн. Ивы фракциты комплекткæныны уаг æмæ уыдоны саразын, авды бæсты сæ бон уыдзæн уыппар депатутæн. Политикон фарсыты æхсæн фидыдмæ гæсгæйæ, конституцион проектæй ист уыд ныффыст уый фæдыл, ома квалифициргонд фылдæртæ хъуамæ сывзарой æртæ этапы фæстиуæгæн генералон прокурроры. Йæ тыхы баззайдзæнис архайæг нормæ, кæцымæ гæсгæ дæр, генералон прокурроры, парламент сывзары æхсæз азы æмгъуыдмæ, 76 депутаты хъæлæсæй. Ивд фæзындзæнис конституцийы хизгæ уагæвæрды. Ног нормæтæ рæстæгмæ равг хæссынц æмæ фæдылдзог дыууæ сидты парламентмæ хаудзысты.