АИШ-ы минæварад -  «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ  оппозицион партитæ дзырд раттой, цæмæй иумæ  куыстаиккой парламенты расттæрхоны системæйы реформæйыл, уыдон сæ дзырд хъуамæ сыххæст кæной
АИШ-ы минæварад - «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ оппозицион партитæ дзырд раттой, цæмæй иумæ куыстаиккой парламенты расттæрхоны системæйы реформæйыл, уыдон сæ дзырд хъуамæ сыххæст кæной

Абон «Гуырдзиаг Бæллицц»  парламенты,  конституцион  ивддзинæдтæ кæй  фæкъуыхцы кодта, кæцытæн сæ нысан уыд  сæйраг прокурроры  снысан кæнынæн  уæрæх,  бирæпартион   разыдзинад,  уыцы  ми  у  ноджы иу  дзæгъæлы сæфт фадат, цæмæй Гуырдзыстонæн  уыдаит, хæдбар,  æргом  æмæ  объективон  тæрхонон системæ –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæварады ахæлиугонд фидиуæны мидæг дзырдæуы.

Афтæма сæ фидиуæнæй, зæгъгæ  парламенты æркургæ хыгъдлæвæрдæй  снысан кæныны процессы бавдыст  ивддзинады рекомендаци дæтта Венецийы Комисси – Барады  экспертты  æхсæнадæмон оргæн, афтæ куыд  æндæр æхсæнадæмон   эксперттæ.

«Гуырдзиаг Бæллицц æмæ  оппозицион партитæ  дзырд раттой, цæмæй  сног кæндзысты  тыхархайд  æмæ иумæ кусдзысты  парламенты  расттæрхоны системæйы реформæйыл. Уыдон хъуамæ сыххæст кæной сæ  дзырдлæвæрд  æмæ   сыххæст кæной тæрхонон  реформæйы раззаг уылæнты  æппæтылæххæссæг, бирæпартион   аргълæвæрд  æмæ бакусæт  расттæрхоны  системæйы æргомдзинады, объективондзинады  æмæ  бæрнондзинад райрæзын кæныны æрдæм  уагъд инициативæтæ.  Ацы реформæтæ   сæрмагондæй нысаниуæгджын сты  Гуырдзыстоны  евроинтеграцийæн  æмæ  сегасдæр сæйраг та уый у æмæ,   ифтонг кæнынц  ахæм рæстаг, профессионалон  расттæрхоны системæ скæнын, цæй аккаг дæр сты  Гуырдзыстоны  цæрджытæ» – дзырдæуы фидиуæны.

Парламент конституцион ивддзинæдтæ фыццаг кастæй  райста. Конституцион  ивддзинæдтæм æмбæлгæйæ,   фæдылдзог  дыууæ сидты  парламенты æвзарæнон   барьер, фондзæй  дыууæ проценты онг  фæкаддæр уыдзæн.  Ивы  фракциты  комплекткæныны  уаг  æмæ уыдоны саразын, авды бæсты сæ бон уыдзæн  уыппар  депатутæн.  Политикон фарсыты æхсæн фидыдмæ гæсгæйæ,   конституцион   проектæй  ист уыд ныффыст  уый фæдыл, ома квалифициргонд фылдæртæ  хъуамæ сывзарой  æртæ этапы фæстиуæгæн генералон прокурроры.  Йæ тыхы  баззайдзæнис  архайæг нормæ, кæцымæ гæсгæ дæр, генералон  прокурроры,  парламент сывзары æхсæз азы æмгъуыдмæ,  76 депутаты хъæлæсæй.  Ивд фæзындзæнис  конституцийы хизгæ  уагæвæрды.  Ног нормæтæ  рæстæгмæ равг хæссынц  æмæ фæдылдзог дыууæ сидты  парламентмæ  хаудзысты.