АИШ-ы минæварад - Америкæ Гуырдзыстонæн лазерон уæлархайды бирæхаттон интегриргонд системæ алæвæрдта, кæцыйæ хъахъхъæнынады тыхты хæцынмæ цæттæдзинад фæхуыздæрæн спайда кæндзысты
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады информацийæ, Америкæ Гуырдзыстонæн лазерон уæлархайды бирæхаттон интегриргонд системæ алæвæрдта, кæцыйæ хъахъхъæнынады тыхты хæцынмæ цæттæдзинад фæхуыздæрæн спайда кæндзысты.
«АИШ-Гуырдзыстоны æфсæддон партнерадæн фидар æххуысы фæлгæтты, Гуырдзыстон райста лазерон уæлархайды бирæхаттон интегриргонд системæ «MILES», кæцы НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды иуæймаг центрмæ æрцæудзæн лæвæрд. Ацы системæйæ пайда кæндзысты Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты реалистон хæстон ахуыртæ фæхуыздæр кæнынæн.
4.3 милуан доллары аргъы ацы программæмæ хауы ахуырты æххæст комплект, ифтонггæрзтæ æмæ администрирдзинады хардзтæ», – хъусын кæнынц минæварады.