АИШ-ы коронавирусы ныхмæ вакцинæйы фыццаг клиникон фæлварæн ауадздзысты
АИШ-ы коронавирусы ныхмæ вакцинæйы фыццаг клиникон фæлварæн ауадздзысты. Информацийы хъусын кæны «Эссошиэйтед Пресс».
Фæлварæн АИШ-ы æнæнизхъахъхъæды наицоналон институт финанс кæны æмæ уый Вашингтоны ацæудзæн.
Тест сараздзысты 45 æвзонг барвæндонæн, уыдонæнæ вакцинæйы хъауджыдæргонд дозæтæ сараздзысты. Ахæлиугонд информацийæ, ацы вакцинæйæ барвæндонтæ коронавирусæй инфициргонд не рцæудзысты, уымæн æмæ вакцинайы мидæг вирус нæй. Фæлварæны нысан у, сбæлвырд уа, цæмæй вакцинæйæн, цардæн тæссаг фæрссаг фæзындтæ нæй.
Æнæнизхъахъхъæды националон институты минæвæрттæ дзурынц, цæмæй вакцинæйы æххæстæй басгæрстæн иу афæдзæй 18 мæйы онг период бахъæудзæн.