АИШ-ы хъахъхъæнынады бюджеты проектмæ гæсгæ, паддзахадон департаменты арæзт æрцæудзæн департамент, кæцы æндæр бæстæты Уæрæсейы æндæвдадимæ тох кæндзæн
АИШ-ы паддзахадон департамент сараздзæн дивизи, цæмæй æндæр бæстæты Уæрæсейы æндæвдады ныхмæ тох кæна. АИШ-ы хихъахъæнады бюджеты проекты куыд банысангонд у, афтæмæй ног дивизи АИШ-ы паддзахадон департаменты европæйаг æмæ евразиаг хъуыддæгты бюройы структурæмæ бафтдзæн æмæ йæ нысан уыдзæн Уæрæсейы æндæвдадимæ тох кæнын.
АИШ-ы националон хъахъхъæнынады барлæвæрды актмæ гæсгæ, Конгресс хæсджын кæндзæн АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæн саразын ахæм дивизи, кæцы ныхмæлæуд кæндзæн Уæрæсейы æндæвдадæн æндæр суверенон паддзахадты æмæ Уæрæсейы æндæр «æвзæр архайдтытæн» «уыцы бæстæты, кæцытæ сты АИШ-ы æмцæдисонтæ кæнæ партнертæ».
Уыдон сты ахæм архайдтытæ, кæцытæ «æндавынц, тас хæссынц кæнæ хъыгдарынц АИШ-ы интерестæ».
Проектмæ гæсгæ ацы хайады разамынд йæ архайды тыххæй хыгъд ратдзæн мæй иу хатт. Закъонопроекты ис фыст, цæмæй АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, хæсты нымæрдар æмæ националон развæдсгарæнты директор регуляронæй æрвитдзысты хыгъдлæвæрдтæ Конгрессмæ «Уæрæсе æмæ Китайы æвзæр операцитæ æмæ кампаниты тыххæй Балканы».
Уæ информацийæн, ацы инициативæ хаст æрцыд АИШ-ы «Националон хъахъхъæнынады барлæвæрды актмæ», кæцыйыл ныридæгæн бадзырдтой республикаг æмæ демократон конгрессментæ æмæ æввахс фидæны райсдзысты.