АИШ-ы къазнайы департамент Звиад Харазишвилийæн, Милери Лагазаурийæн, Константине Моргошиайæн æмæ Зураб Махаадзейæн санкцитæ сфидар кота
Америкæйы Иугонд Штатты къазнайы департамент Звиад Харазишвилийæн, Милери Лгазаурийæн, Константине Моргошиайæн æмæ Зураб Махарадзейæн санкцитæ сфидар кодта.
Къазнайы департменты фарсыл ахлиугонд официалон фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, къазнайы департаменты фæсарæйнаг активты контролы осфи санкцитæ сфидар кодта гоймæгтæн, кæцытæ «йæ бын къахынц фундаментон сæрибардзинæдтæн, сæ нымæцы дзырды æмæ хъуыдыйы сæрибардзинадæн Гуырдзыстоны».
АИШ-ы къазнайы департаменты хъусинагæй, санкцитæ сфидар сты Гуырдзыстоны хицауады дыууæ официалон уæнгæн, кæцытæ «баст сты сабырадон демонстранты æмæ политикон оппонентты тызмæг ныссæстимæ», афтæма Гуырдзыстоны дыууæ хицæн æмбæстагæн, кæцытæ «бæрнон кæнæ æмхайадисæг сты, кæнæ комкоммæ æви фæрссаг хайад истой демократон процессы баст гуырдзиæгты сабырадон æмбырды сæрибардзинады æмæ дзырды сæрибардзинады тымигæнæгон бамынæг кæныны».
Къазнайы департаменты ахæлиугонд фидиуæны афтæдæр дзырдæуы, №фæсарæйнаг æндæвдаы æргомдзинады фæдыл» закъоны тыххæй дæр, кæцыйы къазнайы департамент аргъ кæны, куыд куылымпыинад Гуырдзыстон æмæ Европæй æхсæн.
АИШ-ы къазнайы департаменты фидиуæнæй, закъоны райсты онг цæугæ протестон акциты рæстæджы мидхъуыддæгты министрады специалон нысаниуæгы департаменты æдасдзинады тыхты æрдгæй тыхмидзинады нысæнттæй фестадысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, политикон оппозицийы лидертæ, журналисттæ æмæ фæсивæдон активисттæ, кæцытæ сабырæй æвдситой сæ хъуыды. Афтæма се æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ ацы тыхмидзинадыл цæстдар æххæст кодтой спецнысаниуæгы депаратменты хистæр Звиад Харазишвили æмæ йæ хæдивæг Милери Лагазаури.
АИШ-ы къазнайы департаменты санкцитæ афтæдæр баххæссыдсты Алт-Инфойы бындурæвæрæг Константинэ Моргошиамæ æмæ Зураб Махарадземæ. АИШ-ы къазнайы департаменты фидиуæны банысангонд у, цæмæй ацы медиакомпанийæ, Константине Моргошийæ арзайлæ дезинформаци ахæлиу кæнынæн, афтæма маргинализацигонд дзыллæты ныхмæ фыдзæрдæ æвзагæй æмæ æртхъирæнты ахæлиу кæнынæн.
АИШ-ы къазнайы департаменты информаицийæ, абоны архæйдтыты фæстиуæгæн, уæлдæрбанысангонд уæнгты сæрмæмулк, кæцы ис АИШ-ы кæнæ АИШ-ы уæнгты хицауиуæгы кæнæ контролы, уыдоныл иууылдæр уыдзæн æвæрд блокъ æмæ хъусинаг хъуамæ уа лæвæрд къазнайы æддагон активты контролы департаментмæ. Уый æддæмæ ма, финансон институттæ æмæ æндæр уæнгтæ, кæцытæ бæрæг транзакцитæ æххæст кæнын кæнæ æмкуыст кæнынц санкциргонд субъекттимæ æмæ физикъон уæнгтимæ, гæнæн ис санкциты дæлбар бахауой кæнæ тыхыбын мадзæлтты объекттæ суой.