АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварад- Информаци, цæвиттон Джон Болтон Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстоны æлхæд хихъахъъæнæн хæцæнгарзы тыххæй, у абсолютонæй мæнг
Информаци, цæвиттон националон æдасдзинады фарстаты АИШ-ы президенты уынаффæгæнæг Джон Болтон Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстоны æлхæд хихъахъъæнæн хæцæнгарзмæ гæсгæ, у абсолютон гæдыныхас æмæ мæнг – уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварады фидиуæны.
«Абон сæумæрайсомæй анонимон ратæдзæнæй ахæлиу ис информаци, цæвиттон Джон Болтоны Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы мæстыдзинад равдыста Гуырдзыстон цы хæдиргъæвæн хотыхтæ балхæдта уымæй.
Æххæст бæрнæй хъусын кæнæм, цæмæй ай у абсолютонæй мæнг информаци. Гуырысхойаг сæрмагонд блогæй дезинформацийы ахæлиу кæнын у классикон архайд, баууон кæной Гуырдзыстон-Америкæйы стратегион партнерад, кæцы сæрмагондæй фæстаг азты тынг позитивонæй рæзы æмæ дыууæфарсон ахастыты сегасæй бæрзонддæр нысаныл лæууы.
Минæвар Болтоны визит Гуырдзыстоны уыд тынг æнтыстджын æмæ ацы визиты фæдыл мах дыууæфарсон стратегион партнерад ног масштабтæ райсдзæн. Сæ нымæцы хъахъъхæнынады æмæ æдасдзинады сферæйы æмкуысткæнынады æрдгæй» – банысангонд у АИШ-ы Гуырдзыстоны минæварады фидиуæны.
Ац ытемæйыл абон информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр. Уагдоны пресс-куысты куыд дзурынц афтæмæй, «Бынтон æнæбæрæг сайты, ReportBlogs-ы равзæрд у гуырысхойаг æмæ уым публикацигонд æрмæджытæ, кæцыйы «Националон Змæлды» минæвар Ника Руруа социалон хызагы парахат кæны, у а.х. фейк-ньюсы классикон дæнц» зæгъгæ.