АИШ-ы  фыдзæрдæдзинад цырын кæныны æмæ массон тыхмигæнæгон архæйдтытæ сплан кæныны  аххсоагæй Гуырдзыстоны æмбæстагы æрцахстой
АИШ-ы фыдзæрдæдзинад цырын кæныны æмæ массон тыхмигæнæгон архæйдтытæ сплан кæныны аххсоагæй Гуырдзыстоны æмбæстагы æрцахстой

АИШ-ы Гуырдзыстоны  æмбæстагы, 20 аздзыд М.Ч. æрцахстой, кæцыйы  аххосджын кæнынц  хæрамдзинад  цырынкæныны æмæ   массон  тыхмигæнæгон    архæйдтыты  сплан кæныны.

АИШ-ы юстицийы  департаменты  фидиуæнмæ гæсгæйæ,  æрцахстувæг уыдис уыцы  къорды  лидер, кæцы националон къаддæрдæрты  æмæ дзуттæгты  æхсæнады ныхмæ архайдта.

«2023  азы ноябры æрцахстуæвæг  Нью-Йоркы, ног  азы æхсæв массон   бырсты  план кæнын райдыдта. Схемæмæ гæсгæйæ,   гоймаг Санта-Клаусы формæ иу  скодта æмæ националон  къаддæрдæрты   минæвæрттæн  маргджын къафеттæ  байуæрста. Схемæ афтæдæр æххæсыд  Бруклины   дзуаттæгты  скъолайы  сывæллæттæн  маргджын  адджинæгтæ бадæттын», –  банысангонд у фидиуæны.

Фæдагурыды хъусинагæй,  æрцахсты фæстæ Гуырдзыстоны æмбæстаг   барадхъахъхъæнджытæн адæтта   схемæтæ  сæрмагонд   планы  фæдыл, кæцыты  хай баст у  радикалон исламистон  къордима æмæ  террористон   организацитимæ, цахæмдæр сты  «Исламы Паддзахад».

АИШ-ы прокурроры, Брейон Писсы  дзырдæй,  зæгъгæ ис æнхъæлц, цæмæй  зылынмæ лæвæрд   архайдта  баххуырсын   цалдæр   гоймагы,  тыхмигæнæгон   бырстыты æмæ   марындзинæдтæн,  неонацистон  идеологиты  фæтынг кæнынæн.

АИШ-ы фæдагурæг  уагдоны хъусинагæй,  æрцастуæвæг хъавыд, 2011 азы  Норвгеийы  Андрес Брейвик цы  бырст сыххæст кодта, кæцыйы амæттаг 77 адæймаг  ссис, уымæй масштабондæр  бырст сыххæст кæнын.

Аххосагы сбæлвырды цауы, Гуырдзыстоны æмбстагмæ æртхъирæн кæны  20  азы  ахстæй  æфхæрд.