АИШ-ы централон æфсæдтон сæрдарад  - Ираны ныхмæ операцийы рæстæджы фæмард æртæ америкаг æфсæддон, фондз та уæззау цæф сты
АИШ-ы централон æфсæдтон сæрдарад  - Ираны ныхмæ операцийы рæстæджы фæмард æртæ америкаг æфсæддон, фондз та уæззау цæф сты

Ираны ныхмæ  операцийы рæстæджы æртæ америкаг æфсæдтон  фæмард, фондз та уæззау цæфтæ райстой – уый фæдыл АИШ-ы централон æфсæдтон сæрдарады  расидæны ис фыст.

«Цалдæр æфсæдтоны райстой  чысыл  цæфтæ æмæ ныртæккæ здæхынц сæ хæсты æххæст кæнынмæ. Стыр хæстон операцитæ æмæ нæ реагирдзинады архайдтытæ дарддæр кæнынц. Уавæр у æнæстабилон, уымæ гæсгæ бинонтæн кад кæнгæйæ, мах нæ рапарахат кæндзыстæм æфтауц информаци, уыцы нымæцы амæттаг æфсæддонты ном, хæстæг хиуæттæн фехъусын кæныны фæстæ 24 сахаты дæргъы», — дзырдæуы хъусинаджы.