АИШ-ы барадхъахъхъхæнджытæ скъолайы бæстыхайы бын 145 адæймаджы марды буар ссардтой
АИШ-ы барадхъахъъхæнджытæ скъолайы бæстыхайы бын 145 адæймаджы мард ссардтой. Уый фæдыл хъусын кæны «ВВС».
Стыр Британийы Æхсæнадæон Уацхæссæджы хъусинагæй, фæнысангонд территори, 20-æ æнусы уыд уæлмæрд.
«ВВС» куыд хъусын кæны афтæмæй, адæймæгты мæрдтæ специалон мигæнæны фæрцы уый фæстæ ссардтой, территорийыл уæлмæрд кæй уыдис тыххæй хъусинаг куыч ахæлиу ис уæд.
Сахары историон ратæдзæнтæм гæсгæ, дыууынæм æнусы астæу периоды фæнысангонд уæлмæрдыл 250-йæ фылдæр адæймаг баныгæдтой. Сæ фылдæр афроамерикæгтæ уыдысты. Фæнысангонд территори бынæттон хицауад 1942 азы, бауæй кодта хицæн компанийæн. Скъола та уым 1960 азы сырæзт.
Зæппадзы ссарыны фæстæ, скъолайы къухдариуæгад ног бæстыхайы сæвдæлон кæнын ахицæн кодта. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ацы амалæй уыдон сæ ном ссардзысты уыцы ран чи уыд ныгæд уыдонæн.