АИШ-ы аст штаты ног коронавирусы тыххæй уæлрадон уавæр æрбайстой
АИШ-ы аст штаты ног коронавирусы тыххæй уæлрадон уавæр райхъусын кодтой. Уый фæдыл АИШ-ы ныгуылæн донбылыл уæвæг æртæ дæр штаты. Уый фæдыл хъусын кæны «CNN».
Уæлрадон режим æрбайсыны фæдыл, абон Орегоны штаты губернатор, Кейт Браун дæр райхъусын кодта. Режим 60 боны дæргъы уыдзæн йæ тыхы. Орегоны Штаты ног коронавирусæй инфицирдзинады 14 цау сбæлвырд ис. Орегоны æнгæс мадзæлттæ райстой Вашингтоны, Калифорнийы, Кентуккийы, Нью-Йоркы, Мэриленды æмæ Ютъайы штатты.
Вашингтоны коронавирусæй мæлынады сеппæтæй бæрзонддæр æвдисæг ис, фæмардуæвджыты нымæц 18-мæ ахæццæ ис.
Дыууæ адæймаг Флоридайы, иу та – Калифорнийы æрбамард. Æдæппæт бæстæйы масштабæй вирусæй инфицирдзинады 500-ы онг цау сфиксир ис.