АИШ-ы æфсæддон рагысгарæг агентады публикацигонд документы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны тыххæй дæр
АИШ-ы хъахъхъæнынады департаменты рагысгарæг агентад глобалон æтхъирæнты фæдыл 2021 азы хыгъдлæвæрд æрцæттæ кодта. Документы иуæй-иу сæры, кæцыйы дæр «регионалон проблемæты æмæ ныллæг интенсивондзинады конфликтты» фæдыл дзырдæуы, ис Гуырдзыстоны кой.
Хыгъдлæвæрды бавдыст у,ц æмæй Кремлы фæнд, йæ хæстæг сурзæххон сыхы баззайæт куыд «æдасдзинады сæйраг гарантор» фæстæмæ рæзгæ у. Уымæ нæкæсгæйæ, æдасдзинады секторы Гуырдзыстон, Украина æмæ Азербайджаны æмгуыстад НАТО-имæ æмæ æндæр æддæ фарсхæцджытимæ бæлвырдæй æвдисы, цæмæй уырыссаг «доминирдзинады архæйдтæ» вазыгджын аууæлттыл æмбæлынц.
Документ хаххгондæй дзуры, цæмæй 2008 азæй Уæрæсе Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад банкъуысын кордта ацы бæстæйы 20%-ы оккупацийæ æмæ æхсæнадæмон арæнайыл Абхаз æм Цхинвалы регионты «Хæдбар паддзахадтæй» банымадæй. Афтæма Кремль, Гуырдзыстоны, оккупацигонд регионты дары йæ æфсæддон базæтæ æмæ администрацион арæнты дæргъмæ, уырыссаг æфсæддæттæй архайы патрул кæнынæн. Уымæй уæлдай ма, хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй уырыссаг фарс 2008 азы æхст фæурæды бадзырдæй лæвæрд хæстæ нымадмæ нæ исы æмæ нæ хъавы йæ æфсад ракæнын пре-конфликтон позицитæм.