АИШ-ы 2021 азы бюджет кæцыйыл абон къух бафыста Дональд Трамп, йæ хъуыдыйы ис Гуырдзыстонæн 132 025 000 бæрц доллары æххуыс
АИШ-ы 2021 азы фискалон афæдзы бюджет кæцыйыл абон къух бафыста президент Дональд Трамп, йæ хъуыдыйы ис Гуырдзыстонæн 132 025000 бæрц доллары æххуыс.
Бюджетон закъоны банысангонд у, цæмæй ацы закъоны скуыстæй 90 бонмæ, паддзахадон нымæрдар асигнациты комитетæн хъуамæ бавдиса хыгъдлæвæрд Гуырдзыстоны законы сæйрагдзинады æмæ хыгъдон институтты фæдыл.
АИШ-ы бюджетон закъоны ныхас цæуы оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты фæдыл дæр. Сæрмагондæй та АИШ-ы бюджетон суммæтæ ма хъуамæ бахардз уой иунæг бæстæйы сфинанс кæнынæн, кæцы банымадта Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты, Абхаз æмæ Цхинвалы регион/Хуссар Ирыстоны хæдбарад кæнæ сфидар кодта семæ дипломативон ахастытæ. АИШ-ы паддзахадон нымæрдар афоныл хъуамæ публикаци скæна паддзахадон департаменты веб-фарсыл кæцыфæнды ахæм централон хицауадты номхыгъд.
Афтæма банысангонд у, цæмæй паддзахадон нымæрдар гæнæн ис нæзагъд ракæна фæнысангонд пункттæй бæрæг æххуыс арæн скæныныл, кæд АИШ-ы националон интерестæм æмбæлон уыдзæн. АИШ-ы бюджеты законы фыст ис, цæмæй хæзнайы департаменты инструкцимæ гæсгæ, æхсæнадæмон финансон институтты æххæстгæнæг директортæ хъуамæ йæ ныхмæ слæууой ахæм программæтæн, кæцы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн знаггадгæнæг уыдзысты.
АИШ-ы президент, Дональд Трамп коронавирусы фæрогдæр кæныны пакеты æмæ 2021 азы бюджетон закъонопроектыл йæ къух абон бафыста.