АИШ-ы 2021 азы бюджет æфсæддон æххуысы хуызæй Европæ æмæ Евразийы бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, 170 милуан доллар рауæлдай кæнын дары йæ хъуыдыйы
АИШ-ы 2021 азы бюджет æфсæддон æххуысы хуызæй Европæ æмæ Евразийы бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, 170 милуан доллар рауæлдай кæнын дары йæ хъуыдыйы. Уый фæдыл банысангонд у АИШ-ы 2021 фискалон азы бюджеты закъонопроекты мидæг.
Документы дзырдæуы, цæмæй Европæ æмæ Евразийы стратегион æдасдзинады приоритеттæ Уæрæсейы æндæвдад æмæ агрессийы ныхмæ слæууын у, æмцæдисонты æмæ партнерты фадæттæ фæтыхджындæр кæныны фæрцы, цæмæй бахъахъхъæной суверенитет æмæ сæрмагонд хъахъхъæд, НАТО-имæ æмæ ныгуылæны æндæр тыхтимæ æмкуысткæнынад фæхуыздæры фæндагæй, афтæдæр хъæддых хъахъхъæнынады реформæты сæххæсты фæрцы.
Документмæ гæсгæйæ, финансдзинад ахъаззаг уыдзæн ифтонггарз бадæттынæн æмæ ахуыртæн, сæ нымæцы тактикон ифтонггарз райст рагсгарæг куыстытæн æмæ цæстдарынадæн, афтæдæр сæрдариуæг æмæ контролæн.
АИШ-ы 2021 азы бюджеты закъонопроекты финансдзинады приоритетон исджытыл нымад цæуынц: Гуырдзыстон, Украина, Эстони, Лиетувæ, Латви, кæцытæ документы мидæг бавдыст сты куыд фронты хаххгæрон бæстæтæ.
«Фæсарæйнаг æфсæддон финансдзинады регионалон суммæты хай бахардз уыдзæн европаг рекапитализацийы стимулиргæнæг программæ ауæрæхдæр кæнынæн, кæцы хахх кæны уаргъты апарахат кæнын АИШ-ы грантон æфсæддон æххуысы стимулиркæнын уыцы бæстæтæн, кæцытæ нывæрдзысты националон суммæтæ сæрмагонд æфсæдды модернизацийы æмæ уырыссаг ифтонггарзæй фервæзыны тыххæй. Паддзахадон департамент æмкуыст кæндзæн æфсæддон департаментимæ потенцион бæстæты фæдыл», – банысангонд у документы.
АИШ-ы 2021 азы фискалон бюджеты закъонопроектæй, Гуырдзыстонæн финансон æххуыс рауæлдай кæнын пълан кæны æхсæнадæмон æфсæддон ахуырады æмæ ахуырты программæйы фæлгæтты дæр. Фæнысангонд программæйы фæлгæтты, Европæ æмæ Евразийы 25.5 милуан доллары рахицæн кæнын хъавынц, финансдзинад исæг бæстæтæ та сты: Гуырдзыстон, Болгари, Польшæ, Румыни, Турк æмæ Украина.
«Æхсæнадæмон æфсæддон ахуыры æмæ фæлтæрæнты программæтæ Европæйы фидардæр кæны регионалон æдасдзинад æмæ æмкуысткæнынады АИШ-ы, НАТО æмæ Европаг гарзджын тыхты æхсæн æмæ баххуыс уыдзæн Уæрæсейы агрессимæ быцæу слæууынæн. Сæйраг уый у æмæ ацы программæтæ ахъаз сты уый срæвдз кæнынæн, цæмæй уыцы бæстæтæ, кæцытæ архайынц АИШ-имæ иумæ, уа сын офицертæ, кæцытæ æмбарынц æмæ аргъ кæнынц зондамындтæн æмæ операцион тактикæйæн», – дзырдæуы документы.