АИШ-ы  2021 азы бюджет æфсæддон  æххуысы  хуызæй  Европæ æмæ Евразийы бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, 170 милуан доллар рауæлдай кæнын дары  йæ  хъуыдыйы
АИШ-ы 2021 азы бюджет æфсæддон æххуысы хуызæй Европæ æмæ Евразийы бæстæтæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн, 170 милуан доллар рауæлдай кæнын дары йæ хъуыдыйы

АИШ-ы  2021  азы бюджет  æфсæддон  æххуысы  хуызæй  Европæ æмæ  Евразийы   бæстæтæн, сæ нымæцы   Гуырдзыстонæн,  170 милуан  доллар рауæлдай кæнын дары  йæ  хъуыдыйы. Уый  фæдыл банысангонд у  АИШ-ы  2021  фискалон  азы бюджеты  закъонопроекты мидæг.

Документы дзырдæуы, цæмæй  Европæ æмæ  Евразийы   стратегион  æдасдзинады   приоритеттæ   Уæрæсейы   æндæвдад æмæ агрессийы  ныхмæ  слæууын у, æмцæдисонты æмæ   партнерты  фадæттæ  фæтыхджындæр кæныны фæрцы,   цæмæй  бахъахъхъæной суверенитет  æмæ  сæрмагонд хъахъхъæд, НАТО-имæ  æмæ   ныгуылæны  æндæр  тыхтимæ æмкуысткæнынад фæхуыздæры  фæндагæй,   афтæдæр  хъæддых  хъахъхъæнынады  реформæты  сæххæсты   фæрцы.

Документмæ гæсгæйæ, финансдзинад ахъаззаг уыдзæн  ифтонггарз бадæттынæн  æмæ   ахуыртæн,  сæ нымæцы   тактикон  ифтонггарз райст  рагсгарæг куыстытæн æмæ  цæстдарынадæн,  афтæдæр  сæрдариуæг æмæ контролæн.

АИШ-ы  2021 азы  бюджеты  закъонопроекты   финансдзинады  приоритетон исджытыл нымад цæуынц: Гуырдзыстон, Украина, Эстони, Лиетувæ, Латви,  кæцытæ документы мидæг бавдыст  сты  куыд фронты  хаххгæрон бæстæтæ.

«Фæсарæйнаг  æфсæддон финансдзинады  регионалон суммæты   хай  бахардз уыдзæн   европаг  рекапитализацийы   стимулиргæнæг программæ ауæрæхдæр кæнынæн,  кæцы   хахх  кæны   уаргъты апарахат кæнын  АИШ-ы   грантон æфсæддон æххуысы  стимулиркæнын  уыцы  бæстæтæн,  кæцытæ  нывæрдзысты   националон  суммæтæ  сæрмагонд æфсæдды  модернизацийы  æмæ   уырыссаг  ифтонггарзæй фервæзыны тыххæй.  Паддзахадон департамент æмкуыст кæндзæн æфсæддон департаментимæ потенцион бæстæты  фæдыл», –   банысангонд у  документы.

АИШ-ы  2021  азы  фискалон бюджеты  закъонопроектæй, Гуырдзыстонæн  финансон  æххуыс рауæлдай кæнын   пълан кæны  æхсæнадæмон  æфсæддон ахуырады  æмæ  ахуырты   программæйы   фæлгæтты дæр.   Фæнысангонд программæйы  фæлгæтты, Европæ æмæ Евразийы  25.5 милуан  доллары  рахицæн кæнын хъавынц,   финансдзинад исæг   бæстæтæ та сты: Гуырдзыстон, Болгари, Польшæ, Румыни, Турк æмæ  Украина.

«Æхсæнадæмон  æфсæддон  ахуыры æмæ  фæлтæрæнты  программæтæ  Европæйы фидардæр  кæны   регионалон æдасдзинад æмæ  æмкуысткæнынады АИШ-ы, НАТО æмæ  Европаг  гарзджын  тыхты æхсæн æмæ  баххуыс  уыдзæн  Уæрæсейы  агрессимæ  быцæу  слæууынæн.  Сæйраг уый у æмæ   ацы  программæтæ  ахъаз сты  уый срæвдз кæнынæн,  цæмæй  уыцы  бæстæтæ,  кæцытæ   архайынц  АИШ-имæ иумæ, уа  сын офицертæ, кæцытæ æмбарынц  æмæ аргъ кæнынц зондамындтæн  æмæ операцион тактикæйæн», – дзырдæуы  документы.