АИШ Ираны атомон объекттыл бомбæтæ æрæппæрста. Уый фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трамп йæ социалон хызагы ныффыста.
“Мах ахицæн кодтам тынг æнтыстджын æхст Ираны æртæ атомон объектмæ, уыцы нымæцы Фордов, Натанз æмæ Исфаханмæ. Ныр æппæт хæдтæхджытæ сты Ираны уæлдæфон тыгъдады æддейæ. Сæйраг объектыл, Фордовыл, æрæппæрстой бомбæты æххæст комплект. Æппæт хæдтæхджытæ дæр æдасæй æрыздæхынц сæ хæдзæрттæм. Арфæ кæнæм нæ стыр америкаг хæцæг хæдтæхджытæн. Дунейы æндæр æфсад нæй, кæцыйæн йæ бон нæу сабырдзинад саразын. Ныр рæстæг у!” – ныффыста АИШ-ы президент.