АИШ, бæстæйæ 60 уырыссаг дипломаты раддæдуар кæндзæн æмæ Сэтлы уæвæг консулад æрыхгæндзæн
Амеркæйы Иугонд Штаттæ бæстæйæ 60 уырыссаг дипломаты феддæдуар кæндзæн æмæ Сиэтлы уæвæг Уæрæсейы консулад æрыхгæндзæн – уый фæдыл фидиуæн сырæзт Урс Хæдзары.
«Ай у солидарондзинад Стыр Британийы хицауады æрдæм, кæцы дывæрон агенты Сергей Скрипалы æмæ йæ чызгы фæхъæстæйы æргомæй азымджын кæны Уæрæсейы» – хъусын кæнынц Урс Хæдзары.
Уырыссаг дипломатты феддæдуар кæндзæн Польшæ дæр. Гæнæн ис Цалдæр минутмæ евроцæдисы дзуаппон мадзæлтты фæдыл, Евроцæдисы советы президент Дональд Туск райхъусын кæна.