АИШ æмæ Сомих абон сæ къухтæ æрфысдзысты стратегион партнерады фæдыл документыл
Абон АИШ æмæ Сомих сæ къухтæ æрфысдзысты стратегион партнерады фæдыл документыл.
Уый фæдыл социалон хыз X-ы Сомихы фæсарæн хъуыддæгты министрады пресс-спикер Ани Бадалян ныффыста.
Министрады официалон минæвары ныхасмæ гæсгæ, документыл Вашингтоны АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен æмæ Сомихы æддаг хъуыддæгты министр Арарат Мирзоян бафысдзысты.