АИШ æмæ Индий историйы дæргъы фыццаг хатт иумæйаг æфсæддон ахуыртæ ауадздзысты
АИШ æмæ Индий историйы дæргъы фыццаг хатт иумæйаг æфсæддон ахуыртæм рахиздзысты.
АИШ-ы президенты фидиуæнæй, æфсæддон ахуыр цæугæ азы ноябры ацæудзæн.
Дональд Трампы дзырдæй, дыууæ бæстæ радикал исламист террористтæй сæрмагонд цæрджытæй баиргъæвынæн бакусдзысты.
«Æдасдзинады сферæйы нын тынг фидар æмкуысткæнынад ис. Фæстаг дæс азы дæргъы Индийы америкаг хотыхты равæрыны уынинаг 18 милуан доллармæ аххæссыд. Фæнды нæ ног бадзырд æрфыссын. Индиимæ къуындæг æмкуыст кæнæм космосы æрдæм. Æфсæддон ахуырты номхуынд «Стайы триумф» уыдзæн»- банысан кодта Дональд Трамп.