АИШ-æ, Тбилисы педиатрион гематологион-онкологион центры бындур æрывæрынæн рауæлдай кодта 700 мин доллары

18:03, 18.09.2019

Америкæйы Иугонд Штаттæ, Тбилисы педиатрион  гематологион-онкологион  центры бындур æрывæрынæн  рауæлдай кодта  700  мин  доллары.  Уый фæдыл  АИШ-ы минæварады фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«Сывæллæттæ ма хъуамæ  фæрынчын уой, фæлæ  хъыгагæн, хаттæй  хатт афтæ  вæййы.  Уый тыххæй,  цæмæй   баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн,  уа йæм  бæрзонд æмвæзады  центр, ракæй рынчынтæн æххæстаргъджынæй  схоскæнынæн, Америкæйы  хицауад  «Глобал Хилингы» æмæ  «Джо Эны»  медицинон  центрæн, 700 000 доллар  адæтта, кæцы Тбилисы, ног педиатрион  гематологион-онкологион  центры бындур æрывæрынæн  бахардз уыдзæн», – банысангонд у  фидиуæны.

https://www.facebook.com/usingeo/posts/10157517447417954

Хуыздæр